1 млрд 500 милуан сомы Цæгат Ирыстон райсдзæн национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» сæххæст кæнынæн. Сцалцæг кæндзысты 34 объекты. Сног кæнынвæнд кæнынц фæндæгты уæлцъар – 65 км асфальт, уыдонæй 50 сты регионалон трассæтæ. Уый тыххæй кусæг фембæлды ныхас кодтой республикæйы разамонæг Сергей Меняйло æмæ фæндæгты федералон агентады разамонæг Роман Новиков.
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы автомобилон фæндаг «КАВКАЗ»-ы арæзтад, стæй дыккаг æмæ æртыккаг рады рацарæзт. Эксплуатацийы йæ ратдзысты 2024-æм азы. Ног фæндаджы руаджы бантысдзæн Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл хæдтулгæты нымæц фæкъаддæр кæнын. Уæдæ уый хорзырдæм саахддзæн экологон уавæрыл дæр.















