Тагъд рæстæджы нæ бæстæйы цæрджытæ сбæрæг кæндзысты Уæрæсейы бон. У æппæты ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу. Æрвылаз дæр вæййы 12-æм июны. Уый фæдыл ацы кусæн къуыри уыдзæн иу бон цыбырдæр.
Уæрæсейæгтæ фæллой кæнынмæ рацæудзысты къуырисæр æмæ дыццæджы, æртыццæджы уымæй уыдзысты уæгъд, цыппæрæм æмæ майрæмбон та сын ногæй уыдзысты кусгæ бонтæ. Уæдæ сабат æмæ хуыцаубоны бартæ дæр ничима байста. Бæрæгбон Уæрæсейы нымад у официалоныл. Уымæ гæсгæ у фæлладуадзæн бон. Снысан æй кодтой 1990-æм азы, 12 июны. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ иннæ паддзахадон фæлладуадзæн бон ныр уыдзæн æрмæстдæр 4-æм ноябры, Адæмы иудзинады бон. Уæд фæд-фæдыл улæфдзыстæм æртæ боны.















