12-æм октябры сбæрæг кодтой артритимæ тох кæныны Æппæтадæмон бон. Ацы тæссаг низæн ис уæззау фæстиуджытæ, адæймаджы æнæниздзинад йæ бон афтæ бахъыгдарын у æмæ ивалид суа. Специалисттæ адæммæ сидынц, цæмæй цыфæнды кары дæр сæ æрхæгтæ æмæ фæтасæнты æнæниздзинадмæ стыр æргом здахой. Уый тыххæй та хъæуы æнæниз цардыуаг æххæст кæнын. Афойнадыл хæцгæ низтæ, æхснырсæг æмæ грипп дзæбæх кæнын. Уыдоны фæстиуджытæ арæх асайынц артритмæ.
















