14 азы кæуыл сæххæст, уыцы сывæллæттæ абон фыццаг хатт райстой паспорттæ. Кадджын мадзалы сын сæ радтой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ.
Уыдон арфæйы ныхæстæ загътой фæсивæдæн. Бамбарын сын кодтой, куыд ахсджиаг у Уæрæсейы сæйраг гæххæт райсын. Лæппутæн æмæ чызджытæн радзырдтой паспорт куыд равзæрыд, уый тыххæй. Уыимæ ма, цавæр бæрнондзинад хæссы йæ хицауæн, уый дæр. Мадзал сарæзтой нæ бæстæйы хицауады сæрдар Дмитрий Медведевы регионалон исæн уаты. Архайдтой дзы сывæллæтты хæдзар «Хуры Тын»-ы хъомылгæнинæгтæ дæр. Арфæйы ныхæстæ сын ракодта Мидхъуыддæгты министрады хайады хицау Хъараты Иринæ.
Зæрдæ бавæрдта, фæсивæд ныр Уæрæсейы гражданинты ном хæсгæйæ, канд бæстæйæн, нæ фæлæ республикæйæн дæр кад кæй кæндзысты. Парламенты депутат Джелиты Роберт та куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм акцитæ æмæ сæрмагонд мадзæлттæ дарддæр дæр æххæст кæнын хъæуы министрадимæ æмгуст кæнгæйæ.
















