15-æм декабры — Абайты Васойы райгуырæн боныл æххæст кæны 121 азы. Ирон æвзаджы райрæзтыл æнтыстджынæй чи фæкуыста, ахæмтæ бирæ уыдысты æмæ сты ныр дæр. Фæлæ йæ раиртасынæн йæ цард снывонд кодта – Абайты Васо. Хуыцауæй æрвыст адæймаг. Зонады йын йæ фæллойæн аргъ нæй. Йæ ном æвзагзонынады айхъуысти æнæхъæн дунейыл. Ацы къабазы йын йæ ныхасæн уыд стыр уӕз. Йæ сæйраг куысты, йæ историон-этимологион дзырдуаты фыццаг том куы фæзынди 1958-æм азы, уæдæй фæстæмæ ирон адæмæн Васо у сæ кадгæнæг, сæ ныфс, сæ сæрылхæцæг, сæ хъахъхъæнæг. Афтæ уыдис йæ удæгасæй, афтæ у ныр дæр.
Чи сты нæ рагфыдæлтæ æмæ кæцæй цӕуынц не ‘взагæн йæ уидӕгтӕ? Ацы фæрстытæ раиртасынæн Абайты Васо снывонд кодта йæ цард. Советон æмæ Уæрæсейаг ахуыргонд-филолог, историк, этнограф. Куырыхон æмæ æгæрон зонды хицау.
Абайты Васо райгуырд 15 декабры 1900-йæм азы. 1925-æм азы каст фæцис Ленинграды университеты æхсæнадон зонæдты факультет. Уый фæстæ аспирантурæ. Афтæ райдыдта йæ зонадон фæндаг. Йæ куыстытæ сты 4 сæдæйæ фылдæр. Фæлæ ӕппӕтӕй хъуыстгонддæр у йӕ 5-томон «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Хицӕн куыст бакодта Нарты кадджыты тексттыл. Йе ‘ппæт куыстыты дӕр æрмæгӕн пайда кодта фольклор ӕмӕ литературон уацмыстӕй. Сӕвӕрдта бындур сӕрмагонд методрлогийӕн.
Йæ хæрзиуджыты хыгъд – æгæрон. Ссис филологион зонæдты доктор (æнæ диссертаци бахъахъхъӕнггӕйӕ, «йæ куыстыты иумæйаг уæзмӕ гӕсгӕ»), 1969 азы та – профессор. Абайты Васойæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми. 1981-æм азы Васойæн радтой Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреаты ном.
Абайты Васо йæ цардæй ахицæн 2001-æм азы 18 мартъийы. Ирон адæмæн ныууагъта фæдзæхст: Мæ кæстæртæм! Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты ‘хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хæдзары мидæг, бинонты ‘хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй: «Ам иронау (дыгуронау) дзурынц».
















