Абон Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бæрæгбон. Зындгонд куыд у, афтæмæй баст у Хетæгкаты Къостайы “Ирон фæндыр”-ы рацыды бонимæ. Уыцы зæрдылдарæн цау æрцыд 1899-æм азы 15-æм майы. Номдзыд авторы ном ссарынмæ Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы аргъуаны пантеонмæ æрбацыд 100 адӕймагӕй фылдӕр. Мадзалы архайдтой республикæйы хицауад, культурæйы æмæ ахуырады кусджытæ, скъолаты ахуырдзаутæ æмæ æхсæнады минæвæртæ. Генийы ингæныл дидинджытӕ сӕвӕрдта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло дæр. Регионы разамонӕг фӕнысан кодта ахсджиаг хӕс — ирон дзырд бахъахъхъӕнын ӕмӕ йæ кæстæртæн адæттын. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадӕлон æвзаг у цардӕгас мысинаг, истори ӕмӕ фӕлтӕрты бастдзинад. Абон не ‘взаг ис нымæцон сервисты, уыдонимӕ Яндекс Тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ нейрохызтæ.
Дидинджытӕ сæвæрдтой Ирон театры фӕзы Къостайы цыртдзӕвӕныл дӕр. Мадзалы архайдтой культурӕйы министр Гуыдиаты Батрадз ӕмӕ театры труппӕ. Семæ — Фысджыты цӕдисы уӕнгтӕ ӕмӕ скъоладзаутæ. Артисттæ бакастысты æмдзвгæтæ мадæлон æвзагыл. Зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ аххӕссыдысты республикӕйы ӕппӕт районтыл дæр.
















