Алагиры 2-æм скъолайы Слестгæнæн комитеты кадетон кълæсты æмæ Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты номыл ахуырадон центр “Диалог”-ы ахуырдзаутæ кадджын уавæры ард бахордтой. Сæрмагонд мадзал ацыд мемориалон комплекс “Барбашовы фæз”-ы. Уазджыты ‘хсæн – республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитеты Слестгæнæн управленийы разамонæг Валерий Устов, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Республикæйы сæргълæууæг арфæ ракодта æвзонг кадеттæн.
Ард бахæрыны фæстæ фæсивæдæн радтой æвдисæндартæ. Присягæ райстой 40 адæймагæй фылдæр. Республикæйы кадетон змæлд фыццаг фæзынд Сæргълæууæджы амынддзинадмæ гæсгæ 2021-æм азы. Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн управлениийы разамонæг Валерий Устов куыд фехъусын кодта, афтæмæй сентябры байгом кæндзысты 11 кадетон къласы.
















