Ацы сывæллæттæ кæд æмæ нырма æрæджы райдыдтой футболы сæхи фæлварын, уæддæр арæхстджынæй змæлынц. Сты цырд æмæ сæрæн, лæмбынæг хъусынц тренермæ, кæд æппæт амынддзинæдтæ нырма не ‘мбарынц, уæддæр.
Уæззау тренировкæтæ, зын комбинацитæ, ахсджиаг ныхмæлæудтæ. Æппæт ацы хуыддæгтæ уыдзысты, фæлæ фæстæдæр. Нырма уал цин кæнынц пуртийыл æмæ бæллынц зындгонд футболисттæ суæвынмæ.
Ахуыр сæ кæнынц ацы спорты хуымæтæг, фæлæ ахсджиаг æгъдæуттыл. Футболы скъола “Аланы”-йы архайынц 150 сывæллоны 5 азæй 10 азы онг. Къордтæ сты алыхуызон, адих сæ кæнынц сæ арæхстдзинадмæ гæсгæ. Ахæм кары сывæллæттæн нырма зын у, уымæ гæсгæ тренировкæ цæуы хъазты хуызы. Афтæмæй кусынц сæ тагъдад æмæ арæхстдзинадыл. Сæйрагдæр у — чысыл спортсментæн бамбарын кæнын иу ахсджиаг хъуыддаг — тренировкæтæй ма цух кæнын.
5 аздзыд лæппуты хъазæнтæй уæлдай, æндæр архайдмæ сцымыдис кæнын æнцон нæу. Фæлæ сабиты ныййарджытæ фидарæй зонынц сывæллæтты ам уыцы куыстыл юæстонæй архайынц. Кæцыдæр бинонты та футболмæ уарзондзинад цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ.
19-æм июны Уæрæсейы бæрæг кæнынц сывæллæтты футболы бон. Бæстæйы ацы спортæй архайынц 500 мин сывæллонæй фылдæр. Дунейы зындгонд футболисттæй бирæтæ сæ фæндаг райдыдтой ахæм кары. Пеле, Лионель Месси, Криштиану Роналду æмæ æндæртæ. Нæ республикæйы дæр футбол ахсы уæлдай бынат. Ацы чысыл спортсментæ та гæнæн ис æмæ фидæны Ирыстоны футболы æмвæзад уæлдæр сисой.
















