Туристон базæ “Дзынагъа”-йы фæзындзæн 20 ног модулон фысымуаты. Аразынц сæ амалхъомады фæрæзтæ æмæ паддзахадон субсидитæй. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло.
Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, паддзахады æххуысæй дзы инвестор сарæзта 14 модулон хæдзары, 6 каркасы та ма æрæмбырд кæндзысты хæстæг рæстæг. Ныридæгæн сæм бауагътой хъæугæ коммуникацитæ, сæвæрдтой хъармгæнæнтæ. Цæгат Ирыстоны фысымуæтты нымæц фылдæр кæны “Туризм и индустрия гостеприимства” национ проекты фæлгæты. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй фыццаджыдæр баулæфыны фадат хъуамæ уа бынæттон цæрджытæн. Уымæ гæсгæ, архайынц инфраструктурæйы райрæзтыл дæр.
















