2017-æм азы 1-æм январы онг цæрынæн нæбæзгæйыл нымад чи ‘рцыд, уыцы цæрæнуæттæй адæмы ногтæм раивыны программæ бæстæйы хицауад иннæ аз фæнд кæны фæтагъдгонд фæткмæ гæсгæ сæххæст кæнын.
Уый тыххæй фехъусын кодта Михаил Мишустин. Æхсæзазон программæйæн федералон бюджетæй рахай кодтой 430 млрд сомæй фылдæр. Премьер-министр зæрдыл æрлæууын кодта, уыцы иу рæстæг кæй æххæст кæнынц ног программæ дæр — 2017-æм азы 1-æм январы онг заууатыл нымад чи ‘рцыд, уыцы цæрæнуæттæй адæмы ногтæм раивын. Йе ‘ххуысæй 9,5 мины бæрц адæймаджы бæстæйы 14 регионы сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кодтой.
















