Абон Цæгат Ирыстоны ноггуырд сывæллæтты мадæлтæ райстой республикæйы сæргълæууæджы номæй лæвæрттæ. Сабитæн уæлæдарæс æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Æфсæнвæндаджы рынчындоны æмæ 2-æм арæндоны лæвæрттæ мадæлтæн радта Фæллой æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алинæ.
Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, 2022 азы 1 январы фæстæ цы сывæллæттæ райгуырд, уыдон республикæйы разамонæджы номæй иууылдæр ахæм лæвар райсынц. Афæдзы райдианæй йæ райстой 5 мин бинонтæй фылдæр.
















