Йæ ныййарджытæй иу кӕнӕ дыууӕ дæр ахуыры рæстæг кæмæн амардысты, уыцы скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕн ныр сӕ бон у юристты ӕххуыс лӕвар исын. Уый тыххæй фехъусын кодтой Парламенты советы ӕмбырды. Депутаттӕ ӕдзырдтой сывӕллӕтты улӕфты тыххӕй закъоныл дæр. Ацы сæрды, федералон программӕмӕ гӕсгӕ, 200 мин лæппу æмæ чызгæй фылдæр баулӕфдзысты нырыккон ӕмӕ хӕрзвадат уавӕрты. Уымӕй уӕлдай, ӕмбырды ӕркастысты граждӕнты иуӕй-иу категоритӕн хъалонтӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынмӕ.
Депутаттӕ ма ӕрныхас кодтой Ӕрыдоны ӕмӕ Мӕздӕджы районты экономикӕ ӕмӕ социалон къабазы рӕзтыл. Ӕмбырды кӕрон спикер Тускъаты Таймураз хуссар-уӕрӕсейаг парламентон ассоциацийы кады грамотӕтӕ радта Гуытъиаты Вячеслав ӕмӕ Реуазты Ларисӕйӕн.
















