Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны фæфылдæр. Æдæппæтæй ацы сахатмæ сты 211.
Cпециалисттæ ма рабæрæг кодтой ноджы 34 цауы. Уый тыххæй хъусын кæнынц нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ. Рынчынтæ исынц æмбæлгæ медицинон æххуыс, дохтыртæй сæм лæмбынæг каст цæуы. Хæстæг чи æмбæлыд æмæ семæ ныхас чи кодта, уыдонмæ дæр сæ хъус дарынц.
















