preloader
сейчас в эфире
00:38
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:15
НЕПОБЕДИМЫЕ +
01:35
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
02:00
ЧЕЛОВЕК С ЗЕМЛИ 12+
02:40
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ (ПОВТОР) 12+
close

22 азы размӕ террористтӕ бацахстой Бесланы скъола

1.09.2026 14:18

62 сахаты фӕстӕ раздæры ӕмӕ цинӕйдзаг скъолайы кӕрт ныр пырхытӕй лӕууы.

1-ӕм сентябрь Беслӕны райдыдта, куыд ӕмбӕлы, афтӕ — бӕрӕгбоны музыкӕимæ æмæ æхсызгон æнкъарæнтимæ.
Ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр — скъолайы дарӕсы. Итувӕрд костюмтӕ, чызджытӕ — урс бантикӕты, лӕппутыл галстуктӕ — ахуыргӕнджытæ цин кодтой сабитыл. Уӕлдӕфы ма зыны тæвд рæстæджы фæд ӕмӕ ахорӕнты тӕф — бæстыхай сӕрды сцалцӕг кодтой, алцыдӕр тæмæнтæ калы — ног пъол, бандӕттӕ ӕмӕ партӕтӕ, фӕлӕ сӕ уӕлхъус ӕрбадын никӕмӕн уал бантыст.

9 сахаты ӕмӕ 15 минуты — бӕрӕгбоны кӕрон, сывӕллӕттӕ уроктӕм цӕуынмӕ куыд хъавыдысты, афтӕ ӕвиппайды, дыууӕ хæдтулгæйы фӕзынд — æмбæхст цæсгæмттимæ адӕм сӕ рагуылф кодтой. Ӕппӕт дӕр ӕрцыд цӕстыфӕныкъуылдмӕ — террористтӕ, гӕрӕхтӕ ӕмӕ амынӕты райст — цы цыд, уый никæй уырныдта — “Иууылдӕр афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ уый уӕлдӕфон тымбылӕгтӕ тъӕппытӕ кæнынц” — ӕрымысдзӕн 9-æм къласы ахуыргӕнинаг Уататы Агуындӕ. Тымбылӕгтӕ уӕд ӕцӕг дӕр бирӕ уыдысты, ӕрмӕст дзы иу дæр нæ фескъуыд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ арвмӕ атахтысты, семӕ ма амондджын сабибонты мысинӕгтӕ дӕр.

Ахуыры аз сывӕллӕттӕ партӕты уæлхъус нӕ райдыдтой, фӕлӕ автоматты бын ӕнуд ӕмӕ къуындӕг спортзалы. 10 сахаты, æрмæст 45 минуты фӕстӕ адӕм бынтондӕр ӕхгӕд æрцыдысты, рацӕуӕн сын нал уыд. Амынӕты бахауджыты сбадын кодтой дзуццӕджы сӕ къухтӕ сӕ сӕртыл даргæйæ — буар ахӕм уавӕры уайтагъд бандзыг вӕййы. “Зæгъæн ис, æмæ тагъд сдойны сты, фӕлӕ террористтӕ змæлын нæ уагътой” — дзырдта 7-аздзыд Георгий Ильин.

Бацахсыны фӕстӕ рацыд ӕртӕ сахаты — скъолайӕ бæстыхай фестад стыр бомбӕ – рӕмудзӕн ӕрмӕг уыд алы ран дӕр – бандӕтты, партӕты, ацӕуӕнты ӕмӕ ма суанг амынӕты бахауджыты къухты дӕр. Рудзгуытӕ ныппырх кодтой, ахизæнты та сывӕллӕтты слæууын кодтой — ахӕм удӕгас уартимӕ штурм райдайынмæ йӕ ныфс ничи бахӕсдзӕн. Ахæм ми ӕрхъуыды кӕнын сӕ бон уыд æрмæст тугдзых сырдтæн. “Уӕд æй бамбæрстам, алы минут дæр фæстаг кæй рауайдзæн, уый” – зӕгъдзӕн ахуыргӕнинаг Мыртазты Дианӕ.

Скъолайы иннæ фарс та цард цыма бамынæг — бӕстӕ иууылдӕр æнхъæлмæ каст, уӕдӕ Беслӕн дарддӕр цы фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ, — республикӕйы арӕнтӕ сӕхгӕдтой, Дзӕуджыхъӕумӕ авиарейстӕ айстой, ахуыргæнæндæттæ рӕстӕгмӕ сӕ куыст баурӕдтой. Президент Сочийы йӕ отпуск аргъæвта ӕмӕ расидт æвæстиаты ӕмбырд — горӕтмӕ ӕрвыст цӕуынц гӕрзифтонг тыхты къордтӕ — мидхъуыддæгты, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ, 58-ӕм ӕфсад — фыццаг боны кӕронмӕ скъолайы алфамбылай рацарæзта ӕнӕхъӕн ӕфсӕддон горӕт, фӕлӕ уымӕй ницы пайда уыд.

Фыццаг дӕргъвӕтин бастдзинадæн фадат фӕцис ӕрмӕст фыццӕгӕм сентябры ӕхсӕвмӕ — уӕд сӕйраг ныхасгӕнӕгæй рацыд дохтыр Леонид Рошаль. Уый цалдӕр сахаты дзырдта террористтимӕ сӕрмагонд бастдзинады фӕрцы — зæрдæ сын æвæрдта Мӕхъӕлмӕ, Цӕцӕнмӕ ӕдасӕй ацӕуӕнæй, сӕйрагдӕр та куырдта сывӕллӕттӕн хӕринаг ӕмӕ дон бауадзын раттын, хъӕддыхӕй, цалдӕр хатты, дзуапп райста цыбырæй – нӕ, зæгъгæ.

Дыккаг бон – ӕнӕ хӕринаг ӕмӕ ӕнӕ донӕй адæм фесты 20 сахатӕй фылдӕр. Рӕстӕг цыма ӕнӕкӕрон сси, сахат ӕмӕ секундтӕ баиу сты — сывӕллӕттӕ уадзыг кæнын райдыдтой, фӕлӕ лæгсырдты ницы ӕндӕвта. Гуыбиаты Бэллӕ уӕд æрмæст 6-æм къласмæ бахызт — “Фӕндыд мӕ æрмæст, тагъддӕр куы фӕуыдаид, уый. Куы срӕмыгътаиккам ӕмӕ не ‘ппӕт дӕр сулӕфыдаиккам” — дзырдта уый фӕстӕ, фӕлӕ уыцы æнкъард цау нырма дард уыд.

Ацы кадртӕ ист æрцыдысты дыккаг боны тӕккӕ тӕмӕны, видеойы – директор Цалиты Лидия куры фыдгæнджытæй, цӕмӕй сывӕллӕтты сӕхи бар ныууадзой. Фыртӕссӕй террористты йæ хæлæрттæ дӕр схондзӕн — уӕд уацарӕй фервӕзын кӕнын бантыст 26 адӕймаджы — 11 ныййарæджы ӕмӕ 15 сабийы – штурмы размӕ бæстыхайæ ничиуал рацыд.

Алцыдæр ӕрцыд ӕвиппайды, куыд райдыдта, афтӕ. 13:05 — ӕнтӕф, 50 сахаты чысыл спортзалы ӕнӕ дон ӕмӕ хӕринагӕй — нуазын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ бирӕтӕн галлюцинацитӕ райдыдтой — тыхджын къӕвда ӕмӕ ма суанг рудзынджы ӕдде фурд дӕр, фӕлӕ уым ӕцӕгӕй цыдис хӕст. Дыууӕ срӕмыгъды, иу иннӕйы фӕдыл, залы сӕр ныккалд, алы ран дӕр арт ӕмӕ пырхытæ — кæрон зынын райдыдта. “Удӕгас мӕрдтау уыдыстæм. Фӕлӕ гуыпп куы фæцыд, уӕд кӕцӕйдӕр тыхтӕ фæзынд. Хъуыды ма кӕнын сыгъды ӕмӕ туджы тӕф. Адӕм рудзгуытӕй гуылф кæнын райдыдтой. “- мысыд Касаты Алан.

Адæмыл ихуарӕгау ныккодта судзгӕ шифер ӕмӕ пластикы хæйттæ, бæстæ сымтъеры — дойныйӕ сывӕллӕттӕ нуазын райдыдтой хӕстӕгдӕр цъымыратæй, йӕ зонд йæхимæ кæмæн уыд, уыдон та лидзынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ фервӕзын бантыст ӕрмӕст фыццаг 30 адӕймагæн, иннӕтæ бавзæрстой æцæг зындон. Ӕнӕ ‘взаргӕйӕ экстремисттӕ адӕмы скъӕфын райдыдтой ӕмӕ сӕ рудзгуытыл удӕгас уартау ӕвӕрдтой, фӕлӕ спецназ бауромӕн нал уыд — тох цыд тыргъты ӕмӕ кабинетты. Фыдох æмæ маст чи бавзæрста, уыцы хæдæфсæддонтæ скъолайы рдæм сӕ ных сарæзтой, сывӕллӕтты ирвӕзын кӕнынмӕ.

9 сахатӕй фылдӕр хæцæнгæрзтимæ быцæу, 9 сахатӕй фылдӕр хъизӕмӕрттӕ. Штурм ахицӕн ӕхсӕвмӕ, 22:30 минутыл. Фӕлӕ ӕппӕты уӕззаудӕр нырма разӕй уыд — пырхытæ халын адӕм райдыдтой, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уайтагъд. Чи басыгъд, уыцы хæйтты ‘хсӕн бирӕтӕ ссардтой сӕ цоты, сӕ ныййарджыты ӕмӕ сӕ хӕстӕджыты — уыцы 3 боны царды фӕстаг бонтӕ кӕмӕн систы, уыдоны.

62 сахаты фӕстӕ раздæры ӕмӕ цинӕйдзаг скъолайы кӕрт ныр пырхытӕй лӕууы. Уыцы ӕвирхъау цаутӕй гыццыл рæстæг нæ рацыд — 22 азы зонындзинӕдты бон республикӕйы у сау бон. Фӕлӕ цасфӕнды азтӕ ма рацӕуа, уӕддӕр Ирыстоны 2004-ӕм азы 1-ӕм сентябрь никуы ферох уыдзӕн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Все рекомендуемое