preloader
сейчас в эфире
23:44
МЫСЛИТЕЛЬ НАШЕГО ВРЕМЕНИ 12+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
МЫСЛИТЕЛЬ НАШЕГО ВРЕМЕНИ 12+
close

80 азы агурджытæ сбæрæг кодтой Зæнджиаты Владимиры хæдтæхæг цы бынаты æрхауд, уый

1.09.2026 14:17

Сæфт хæдтæхæджы тыххæй агурджытæн радзырдта бынæттон хъæутæй иуы цæрæг – Александр Каралёв.

Сæфт хæдтæхæджы тыххæй агурджытæн радзырдта бынæттон хъæутæй иуы цæрæг – Александр Каралёв. Сывæллонæй йæ фыды фыдимæ цыди хъæдмæ æмæ федта советон машинæ уæлдæфон тохы фæстæ кæдæм æрхауд, уыцы бынат. Бирæ азты фæстæ Алыксандр уыцы цау радзырдта агурæг къорд “Память”-ы разамонæг Марат Санаевæн. Йæ кармæ гæсгæ йæхи бон нæ уыд бынатмæ рацæуын æмæ йæ картæйыл равдыста.

– Нæ амондæн лæппу аирвæзт, уый кæддæр йæ дадаимæ федта хæдтæхæг куыд æрхауд, уый. Йæ кары куы бацыд, уæд уыцы цау радзырдта. Уæд æм Томскæй æрбацыд агурæг къорд Марат Санаевимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сбæрæг кодтой хæдтæхæг цы бынаты æрхауд, уый.

Агуырдтой йæ Ульяновскы районы Калугæйы областы. Бынат хуымæтæг нæ рауад, цалдæр километры йæм хæстæг иунæг хъæу дæр нæ уыд. Агурджытæ æрзылдысты хъæдыл, ссардтой сæстытæ æмæ уыдонмæ гæсгæ сбæлвырд кодтой цавæр хæдтæхæг æрхауд, уый. Уыцы хæйттæ дзуапп радтой фыццаг фарстæн. Дарддæр – архивон документтæ, хæстон атахтыты тыххæй бæрæггæнæнтæ сфæлхат кæнын. Афтæ агурджытæ ссардтой тæхæг – Зæнджиаты Владимиры, бирæ азты нымад уыд æбæрæг сæфтыл.

– Цы хæйттæ ссардтой, уыдонмæ гæсгæ сбæрæг кодтой цавæр хæдтæхæг уыд, уый. Фæстæдæр документты фæрцы базыдтой æфсæддон цы хайадæй уыд, уый. Егъау куыст бакодтой.

Томскы облæстæй Стрежевойы горæтæй агурæг къорд “Память” ахæм экспедициты фыццаг хатт нæ архайы. Разамонæг Марат Санаев æмæ йæ командæ фæиртасынц æфсæддон хæтæхджытæ кæм æрхаудысты, уыцы бынæттæ,
сисынц, чи фӕмард, уыдоны стӕгдартӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц сырхӕфсӕддонтӕн сӕ нӕмттӕ фӕстӕмӕ раздахынӕн.

Æхсызгон у, не ‘мзæххон йæ Райгуырæн бæстæ кæй ссардта. Стыр бузныг ахæм егъау куыст чи бакодта, уыдонæн. Йæ хæдтæхæджы хæйттæ ратдзысты нæ районы музейæн.

Зæнджиаты Владимиры тыххæй куы дзурæм, уæд рабæрæг йæ историйы цалдæр ахсджиаг хайы: хæдтæхæг кæм æрхауд, æфсæддоны ном æмæ цавæр уавæры фæмард, уый. Дæсгай азты фæстæ, 2019 азы, хæдтæхæджы хæйттæ æрбаластой йæ райгуырæн Æрыдонмæ. Зæнджиаты Чермены бинонтæн сæ радзырдтой къорд “Память”-ы минæвæрттæ. Ног бæрæггæнæнтæ нæлгоймаджы дисы бафтыдтой.

— Уæд нæ районы разамынд æмæ нæ мыггаг баныхас кодтам, цæмæй йæ бавæрæм. Æнусон арты цур ын бынат скодтам. Уым сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Арыдон чи хъахъхъæдта, уыдон.

Зæнджиаты Владимиры истори рабæрæг æстай азæй фылдæры фæстæ. Агурæн куыст ууыл нæ фæвæййы. Къорд “Память” дарддæр иртасы советон хæдтæхджытæн сæ бон æрхауын кæм уыд, уыцы бынæттæ æмæ бæрæг кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты салдæтты хъысмæт.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Все рекомендуемое