443 фæндаггон фыдбылызы ацы аз æрцыд Цæгат Ирыстоны. 60 адæймаджы дзы фæмард, 633-йæ хъыгдæрд баййæфтой.
Уый тыххæй фехъусын кодта Паддзахадон автоинспекцийы хицау Хæбæлаты Григорий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыдбылызты аххосæй йæ цардæй чи ахицæн, уыдоны нымæц фарон азимæ абаргæйæ, 22% фылдæр у. Фæлæ хъыгдæрдбаййафджыты нымæц та чысыл фæкъаддæр. Бæрнон кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, арæхдæр фæндаггон фыдбылызтæ æрцæуынц фæндæгтæ æвзæр уавæры кæй сты, уый. Афтæ Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты.
















