Цæрдæг æмæ рæсугъд спорт. Иу кæны æвиппайды æппæрстытæ, хъæбысхæст æмæ цæфтæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, лæгæй лæгмæ тох Combat у ММА-йы хуымæтæг хуыз. Тыхтæ бафæлварын æмæ æцæг богал суæвын алкæй бон дæр у. Дæсаздзыд Плиты Алан тренирвкæтæм афæдз едтæмæ нæма цæуы, фæлæ хуссарирыстойнаг лæппу ныридæгæн дæр хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы. Гом турниры сси 33 килограммы уæзы категорийы тыхджындæр.
Аланы тренер у Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед. Йæ хъомылгæнинæгты техникæ фæхуыздæр кæныныл архайы æрвылбон. Ерысты рæстæг сын ныфсдæттæг у. Сæйрагдæр, психологон æгъдауæй.
Тыхтæ бафæлварынмæ турнирмæ ссыдысты 500 спортсменæй фылдæр. Се ‘хсæн сыхаг республикæты минæвæрттæ. Ныхмæлæудтæ — алы дисциплинæтæ æмæ æмвæзæдтыл.
Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райстой майдантæ, дипломтæ æмæ кубоктæ. Сбæрæг сты куыд тыхджындæр спорсментæ, афтæ командæтæ дæр. Хуыздæр техникон цæттæдзинад равдисæгæн — сæрмагонд лæвар.
















