preloader
сейчас в эфире
15:59
БÆРНОН НЫХАС 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ХУДОЖНИК ГОРНЫХ ВЕТРОВ 12+
16:40
АКТУАЛЬНЫЙ КОСТА (1,2-АЯ ЧАСТЬ) 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
АКТУАЛЬНЫЙ КОСТА (3-Я ЧАСТЬ) 12+
ТВ ПРОГРАММА
БÆРНОН НЫХАС 12+
close

500 сусæггæнæн хызæй фылдæр арвыстой штаб “Мы вместе”-йы бархионтæ СВО-йы бынатмæ

10.12.2025 15:58

Æмбæхсæн хызтæ бийынц скъолаты дæр.

Тохы раззагдæр бынатмæ уазнывтæ арвитыны тыххæй æрбауад æмæ ныр дыууæ азы дæргъы æрвылбон дæр ам вæййы Галина Митяева. Абон ис штаб “Мы вместе”-йы раззагдæр бархионты хыгъды. Ныртæккæ ам аразынц сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты нæ фæсивæд сæ техникæ æмæ акъоппытæ цы æмбæхсæн хызтæй бамбæрзынц, уыдон. Алы сынк дæр уый дæнцæг у, æмæ, хæстонтимæ иумæ, Уæлахиз хæстæг кæны фæсфронт чи баззад, уыдоны ныфсы тых дæр”, — зæгъы сылгоймаг.

14 азы Мидхъуыддæгты министрады баслужбæ кодта. 25 азы æфсадæн снывонд кодта йæ къай. Æфсæддон тематикæ æмæ патриотизм Галина Митяевайы зæрдæйы уæлдай бынат ахсынц. Суанг ма йæ хъæбулы хъæбулты дæр æрбакæны штабмæ.

Иууылдæр иумæ сæрмагонд операцийы бынатмæ арвыстой 500 æмбæхсæн хызæй фылдæр. Æмæ уыдонæн гуманитарон æрвыстæгты уæлдай ахсджиаг бынат ис. Фæлæ уæддæр æппæтæй зæрдæагайгæдæр у, Уæлахизы хъуыддагмæ се ‘вæрæн сабитæ кæй хæссынц, уый. Мæнæ ацы хъазæнтæ æрбахæссынц, цæмæй сæ ам салдæттæн базтæ бахуыйой. Штабмæ арæх æрбацæуынц скъоладзаутæ дæр.

Ам ис нæ хæстон фæсивæды æрвылбоны царды цы бахъæуы — акъоппы цырæгътæ. Æрмæст рухс æмæ хъармы нысан сын нæй, фæлæ ма сыл рахсидынц дон, схъарм кæнынц хæрианг, бахус кæнынц дзабыртæ. Штабы фарсмæ æппынæдзух æрбалæууы Адæмон фронт. Уыдон сæрмагонд операцийы райдианæй æххуыс кæнынц хæстонтæн дæр æмæ сабыр цæрджытæн дæр. Фыццæгты Змæлды бархионтæ та æрбахæссынц хус хъæрмхуыппытæ æмæ кастæ.

Æмбæхсæн хызтæ бийынц скъолаты дæр. Алы æрвыстæгимæ дæр батухынц сывæллæтты фыстæджытæ. Сæ ныхæстæ — æнæхин æмæ хъæрмуд, стæй нæ фæсивæд тагъд сæ бинонтæм кæй æрыздæхдзысты, ахæм æнæфæцудгæ уырнындзинадæй дзаг.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Все рекомендуемое