Равдыст байгом кодта национ зарæггæнджыты нæлгоймæгты хор. Кæддæр Сæбанты Хаджумар йæхæдæг дæр уыд къорды солист. Адæмон мотивтæ азæлысты музейы залы. Раст цыма традицитæн æмæ нывгæнæджы бынтæн уæлдай кад кодтой.
Равдыст сæмбырд кодта 35 нывы æмæ 15 хъæддын дзаумайы. Фæлæ дзы ныв “Аминæт” уæлдай бынат ахсы. Æмæ уый диссаг нæу, уымæн æмæ нысангонд у нывгæнæджы бинойнагæн. Æрыгон Хаджумар æй куы аскъæфта, уæд чызг маст кодта. Мой кæнын æй нæ фæндыд. Рæстæгимæ сылгоймаг сси йæ музæ. Уый дæр æй разæнгард кодта, архайдта, цæмæй нывгæнæг æппынæдзух уа фыццæгтимæ.
Хиуæтты ныхæстæм гæсгæ, нывгæнæджы разæнгард кодтой – мифтæ, аргъæуттæ, зарджытæ, цардæй ист цаутæ – иууылдæр сæ рахаста йæ сабибонтæй. Зæгъæм ныв “Фæдзæгъæл ис”, снысан æй кодта Цопанаты Заретæйæн, саби чызг, кæцы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг алыгъд йæ хойы фæдыл æмæ фесæфт. Фыййæуттæ йæ ссардтой. Сывæллон ноябры мæй къуыри фæцис сыфтæрты бын. Ныртæккæ йыл цæуы 90 азы, æнæнизæй цæры йæ уарзон бинонты ‘хсæн.
Нывгæнæджы сабибонтæ уæззау рауадысты. Йæ фыд цардæй раджы ахицæн. Хаджумар сывæллонæй райдыдта фæллой кæнын, æххуыс кодта йæ бинонтæн. Уымæ гæсгæ йæ куыстыты хæхбæсты хъæуты нывтæ ахсджиаг бынаты сты.
Сæбанты Хаджумарæн уæлдай аргъ уымæн кæнынц, æмæ нывгæнæг профессионалон ахуырад нæ райста. Афтæмæй балхæдта аивадуарзджыты зæрдæтæ. Сæ уарзондæр нывтæй иу – “Ацæмæзы чындзæхсæв”.
Сæбанты Хаджумары сфæлдыстад специалисттæ хонынц “рог аивад”. Нывгæнæг бахъахъхъæдта æмæ йæ куыстыты снывæзта сывæллон дунемæ цы сыгъдæг зæрдæйæ фæкæсы, уый. Эксперттæ нысан кæнынц: “Йæ куыстытæ тæмæнтæ калынц æмæ зæлынц”. Дзаг сты ирд ахорæнтæй, аив сылгоймæгты сурæттæй, цæрæгойтæй æмæ зайæгойтæй.
Равдыст дихгонд æрцыд æртæ здæхтмæ гæсгæ. Профессионалон ахуырад цы нывгæнджытæ нæ райсынц, уыдон дунемæ æндæр цæстæй фæкæсынц. Сæбанты Хаджумары нывты æвдыст цæуы æрдз, сыгъдæгдзинад, æгæрон гæнæнтæ. Зæгъæн ис æмæ байгом кодта æнæ арæнтæй фæндаг.
Сæбанты Хаджумар. Бæлиццаг дуне, алæмæты дуне” – уый æрмæст ивгъуыдмæ балц нæу. Нывгæнæг сиды, цæмæй æрвылбон дæр цардæн аргъ кæнын зонæм. Экспозици æвдисæн сси ирон адæмы культурæ æмæ тардицитæн.
















