866 милуан сомы чысыл цухæй рахай кæндзысты Мамысоны курорты фæндаггон инфраструктурæ саразынæн. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровимæ.
Дзырдтой республикæйы раззагдæр проекттыл. Сæрмагондæй Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районы райрæзтыл, стадион «Спартак»-ы рацарæзтыл, уыимæ Беслæны тагъд æххуысы станцæ сног кæныныл. Ныхас кодтой цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстатыл æмæ энергетикæйы къабазы куыстуæтты архайдыл. Æппæт социалон ахсджиаг проекттæн рахай кодтой федералон фæрæзтæ. Ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр хъæуы афойнадыл баххæст кæнын. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы куыст цæуы æппынæдзух.
















