Абон Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты, æфсæддон хæс Афганистаны цы салдæттæ æххæст кодтой, уыдоны. 27 декабры 1979 азы советон æфсад дард Афганмæ абалц кодта сæ интернационалон хæс сæххæст кæнынмæ.
Дзæуджыхъæуæй Афганы хæсты чи фæмард, уыдоны цыртмæ дидинджытæ æрбахастой сæ хиуæттæ, æмбæлттæ æмæ ветеранты Цæдисы минæвæрттæ. Ирыстонæй рацæугæ бирæ хъæбатыртæ Афганистаны цæрджыты æдасдзинад æмæ сабырдзинады сæраппонд сæ цард нæ бавгъау кодтой.
1 мин 500 адæймагмæ дзы æфсадмæ фæсидтысты, уыдонæй 58 – æй фæстæмæ нал сыздæхтысты. Ацы тугкалæн хæст цыд 10 азмæ ввахс. Фæмард дзы 15 мин советон хæстонæй фылдæр.
















