«СпецЭкосервис»-ы автомобилон парк фæхъæздыгдæр уыдзæн техникæйы ног иуæгтæй. Уый тыххæй компанийы разамынд æмæ кусджытæн æмбырды рæстæг фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Ног азæй куыстуаты размæвæрд хæстыл бафтдзæн. Ныхас цæуы фæндаггон змæлды æдасдзинад, фæндæгты рацарæзт æмæ транспорты эвакуацийыл. Æмбырды ма дзырдтой ивгъуыд азы ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Æмткæй райсгæйæ, куыстуат йæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон бæстонæй æххæст кæны.
















