Абон йæ 70 азы юбилей бæрæг кæны нывгæнæг, нывкæнанады æмæ графикæйы дæсны Гæбæраты Барис-Георгий. Уый аивадимæ йæ цард йæ гыццылæй нырмæ сбаста. Нывгæнæджы дæсныйады æрфытæ басгæрста Чъребайы Тугъанты Махарбеджы номыл училищейы. Дарддæр каст фæцис Тбилисийы нывкæнынады паддзахадон академи, графикæйы хайад. Райдыдта йе cфæлдыстадон фæндаг.
Архайын райдыдта алыхуызон æмвæзады равдыстыты, æркастыты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ куыстыты райдианæй кæронмæ бæрæг дары Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, æвдисы ма дзы æрдзы рæсугъддзинад. Уымæй уæлдай ма кæны чингуытæм иллюстрацитæ дæр. Йæ куыстытæ фенæ ис куыд Ирыстоны, афтæ Мæскуыйы музейты.
Гæбæраты Барис-Георгий аивадмæ бахаста аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн. Хорзæхгонд æрцыд алыхуызон кады гæххæтытæй, ордентæ æмæ майдантæй. Ныридæгæн дæр Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты залы ис нывгæнæджы куыстыты сæрмагонд равдыст. Снысан æй кодтой Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады 32 азы бонмæ æмæ нывты авторы 70 азы юбилеймæ. Экспозици «Цвети Осетия моя»-мæ бахастой 120 куыстæй фылдæр.
















