Абон нæ бæстæйы скъолаты рауагъдонтæ дæттынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæн математикæйæ.
Республикæйы фæнысан кодтой 1707 архайæджы. Уыдон Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынц 10 сæрмагонд пункты. Фæлварæн куыд цæуы, уымæ сæ хъус дарынц 68 цæстдарæджы.
Куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæтк хæлдтытæ нæ фæнысан кодтой. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынц Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæнгæйæ.
















