Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæстаг бæрæггæнæтæм гæсгæ республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 153 адæймаджы.
Уыдонæй Республикон Клиникон Рынчындоны ис 134 адæймаджы. Референц-центры COVID кæмæ сбæрæг кодтой, уыдоны нымæц у 28 адæймаджы.12-æй сты улæфæн аппаратты бын.
Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны ис 10 сывæллоны æмæ иу карджын адæймаг. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 5 сывæллонмæ æмæ 1 карджын адæймагмæ.
















