Хæрзконд, фидар удыхъæд æмæ уæнгты конд. Сценæмæ иу куы рахызт, уæд иу адæмы зæрдæтæ байдзаг сты цавæрдæр æнахуыр æнкъарæнтæй. Уарзиаты Хадзысмел аивадуарзджытæн стыр аргъ кодта, уыдон дæр æй æгæронæй уарзтой. Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист кафтæй дзырдта æнæхъæн историтæ, Йæ алы къухайст дæр уыд æцæг аивад, сценæйыл ын æмбал нæ уыд. Йæхицæй домаг æмæ уымæ разæнгард кодта йæ хъомылгæнингты дæр, æвæрдта сæ раст фæндагыл.
Фарныхъæуккаг лæппумæ стыр бæллицтæ уыд. Уарзиаты Хадзысмелы сфæлдыстадон фæндаг райдыдта скъолайы фæстæ.
Уый Цæгат Ирыстонæй фыццаг студент у, ГИТИС-мæ ахуыр кæнынмæ чи бацыд. Кæфтытæ æвæрдта стыр сахарты, фæлæ Райгуырæн бæстæйы патриот фæстæмæ Ирыстонмæ сыздæхт. Балетмейстер йæ алыварс сæмбырд кодта дæсныты командæ. Уый хъæппæрисæй ансамбль “зарджытæ æмæ кæфтытæ” рацарæзтой адæмон кафты ансамбль “Алан”-мæ. Афтæмæй, йæ хъомылгæнинæгтæн фæндаг байгом кодта аивады дунемæ.
Уарзиаты Хадзысмел цал кафты сæвæрдта уыдон банымайын зын у. Музыкалон-хореографион композици “Сой”, кафт “Тур”. Хъуыстгонд – “Чепена”, “Хонгæ”, “Симд” æмæ æндæртæ. Уыдон систы республикон коллективы репертуары раззагдæртæ. Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Надежда Булынкина æхсызгонæй мысы Хадзысмелимæ æмархайды азтæ. Балетмейстеримæ кусын зын уыд, фæлæ цымыдисаг. Фидар удыхъæды хицау, æрыгон артисттæн йæ хъару не ‘вгъау кодта, уарзын сын кодта сæ дæсныйад.
Уарзиаты Хадзысмел ансамблы кæддæр цы æгъдæуттæ сфидар кодта, уыдонæн ныртæккæ дæр стыр аргъ кæнынц. Дисциплинæ та у сæ бындур. Уый артисттæн æххуыс у æппынæдзух бæрзонд къæпхæнтæм хизын. Хадзысмелы хъуыддаг дарддæр æххæст кæнынц “Аланы” хъомылгæнинæгтæ. Йæ æвæрд, æмбал кæмæн нæй, уыцы уацмыстæ йын ногæй-ногмæ сценæмæ хæссынц.
Ма фесафын, фæлæ сæ фæхъæздыгдæр кæнын. Æнæмæнг афтæ уыдзæн, цалынмæ Хадзысмелы ном цæра, уæдмæ. Йæ цард баст уыд ансамбль “Алан”-имæ, сæ иумæйаг историйæн фæхицæн уæвæн нæй. Ныртæккæ дæр æрыгон артисттæ йæ рухс номæн кад кæнгæйæ сæ курдиатæй сæхицæн фæндæгтæ ирд кæнгæйæ цæуынц. Уый та уыд кафæджы стырдæр бæллиц.
















