preloader
сейчас в эфире
13:56
Тайны Мамисона 12+
Смотрите Далее
14:00
Концерт "Песня года 2025" 12+
16:50
Семейная драма 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:45
Брэйн-новости 12+
18:30
ГВАРДИЯ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Тайны Мамисона 12+
close

Адæмон фронт æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды бæрæгбоны агъоммæ расидтысты акци

7.07.2025 19:11

Абон раарфæ кодтой 10 бинонтæн.

Гуссойты хæдзары æнкъард æмæ сабыр никуы вæййы. Бинонтæ хъомыл кæнынц 12 сывæллоны, уыдонæй 8 сты лæппутæ, 4 та чызджытæ. Сæ ныййарджытæ Гочæ æмæ Ингæ базонгæ сты 20 азы размæ. Куыд радзырдтой, афтæмæй кæрæдзийы уайтагъд бамбæрстой, бафæндыд сæ се ‘мкъайад бафидар кæнын. Уæдæй иумæ сты сæ зын сахаты æмæ хъæлдзæг бонты дæр, хизынц зындзинæдты сæрты, ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц æртындæсæм сывæллонмæ.

20 азмæ Гочæ æмæ Ингæйы ‘хсæн хъæр ныхас никуы рауад. Уый та уымæн, æмæ кæддæриддæр архайынц алы фарстайыл дæр иумæйагæй сабырæй дзурын, кæрæдзийы æмбарынц, аргъ кæнынц. Сæ кæстæрты аккаг хъомылад æмæ алывæрсыг райрæзт та нымайынц сæйрагдæрыл. Сæ цоты сабийæ фæстæмæ ахуыр кæнынц кæрæдзийæн æххуыс кæныныл. Æрæджы æртæ хистæр сывæллоны сæхæдæг сцалцæг кодтой хæдзары агъуыстытæ.

Бинонты къæбицæн дзуапдæттæг у Илья. Лæппу ахуыр кæны хæринаггæнæгыл, æрвылбон хæдзаронты сбуц кæны алыхуызон хæрзад хæринæгтæй.

Бинонтæ, уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинад боны агъоммæ Гуссойты бинонтæн раарфæ кодтой Адæмон фронт æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды активисттæ. Сывæллæттæн балæвар кодтой конструктортæ, хъазæнтæ, уæлæдарæс. Уымæй уæлдай ма, техникæйы дуканимæ сертификаттæ. Ахæм æхсызгон æргомздæхт æнхъæлмæ каст Дудайты Бинонтæм дæр.

Марат æмæ Ларисæ базонгæ сты 2022-æм азы кæрон. Уæд Марат ссыд сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатæй отпускы. 4 мæйы фæстæ сфæнд кодтой се ‘мкъайад сфидар кæнын. 2023-æм азы æфсæддон уæззау цæф фæцис, нæлгоймаджы къах бахъуыд лыг кæнын. Фæлæ уыцы зындзинæдты сырты бинонты иумæ хызтысты.

Æрвылаз бинонты æппæтуæрæсеон бæрæгбоны фæдыл адæмон фронт æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонд бабæрæг кæнынц алы категориты бинонты. Бацæттæ сын кæнынц къахдарæс, уæлæдарæс, хъазæнтæ – иуныхасæй сывæллæттæ цæуыл бацин кæдзысты, уыдон. Самал сæ кæнынц æмсæрдар Дзгойты Дмитрийы æххуысæй.

Абон раарфæ кодтой 10 бинонтæн. Се ‘хсæн бирæсывæллонджын, æххуысцух æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæ. Ахæм æрхъуыды у куыстуатты сæйраг нысан.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Начало Великой Отечественной войны I Ход истории
19.06.2026
Фосы куыст I Хæдзарадон
19.06.2026
Адæмыхæттыты `хсæн буллинг, ирыстойнаг проект «Три столицы» æмæ сывæллæтты футболы Бон | Йæ рæстæгыл
19.06.2026
19.06 | Доброе утро, Осетия!
19.06.2026
«Школа фермера», программа «Активное долголетие» и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
18.06.2026
Рагон кæлмæрзæн
18.06.2026
Танделаты Розӕ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Истории из жизни I Залина Хейреддин
17.06.2026
Среда влияния I 17.06.2026
17.06.2026
Любовь Бедзоева I Дело мастера
17.06.2026
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл
16.06.2026
Сæрд Куырттаты комы I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
Все рекомендуемое