preloader
сейчас в эфире
14:34
КТО ТЫ, КОРОЛЬ АРТУР? +
Смотрите Далее
15:40
МУЗЫКÆ +
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
АИВАДЫ ФÆЗ. ХУЫРИАТЫ ВАЛЕРИЙ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ. ФÆЛТÆРÆЙ-ФÆЛТÆРМÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КТО ТЫ, КОРОЛЬ АРТУР? +
close

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Абайты Азæмæт йæ æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ фæцæд

7.07.2025 16:31

Социалон фарстатæ та иуварс кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ фонды.

2024-æм аз сæрд. Абайты Азæмæты размæ сæвæрдтой хæс: Донецкы облæсты цæрæн пункт Клещеевкæмæ хæстæг пырх бирæуæладзыгон хæдзары ныхмæлæуæджы æнцайæн пукттæ бацахсын. Дронты ныхмæ дарæсы лæппу нысаны ‘рдæм йæ ных сарæзта. Дыууæ километры фæстæ стыр кæрдæджы бахызт, йæ иувæрсты ацæуын æй фæндыд, фæлæ йын нæ рауад. Хæмпæлты разынд минæ. Цы йыл æрцыд, уый æфсæддон фыццаг нæ фембæрста. Цалдæр минуты æнцад хуыссыд, æрмæст уый фæстæ фæкомкоммæ йæ къæхтæ туджы кæй æвдулынц, уымæ.

Рахиз та схъистæй фегом. Командæ йын радтой эвакуацимæ æнхъæлмæ кæсын. Азæмæт йæ туг калгæ райдыдта йæхиуæтты рдæм бырын. Уыцы рæстæгмæ йын æртæ хатты æрæппæрстой дон, рацийы уылты йын йæ хæлæрттæ ныфс æвæрдтой. Абайы-фырт фронты фыццаг бонтæй фæстæмæ йæ риумæ хæстæг дардта Мады Майрæмы иконæ. Куыд загъта, афтæмæй йыл йæ бинонты фæдзæхста.

Гыццыл æм хъару куы фæзынд, уæд дарддæр бырын райдыдта. Хъуыдис æй æфсæнвæндаджы онг бахæццæ уæвын, уым æм æнхъæлмæ кастыты йæ æфсæддон хæлæрттæ. Бирæ туг фесæфта, уымæ гæсгæ йæ хъуыдытæ æмхæццæ кодтой, рæстæгæй-рæстæгмæ йын афтæ æвзæр уыд æмæ йæ фæндыд уым баззайын, фæлæ йæм уæдмæ йæ æмбæлттæ фæзындысты. Уыдон æй фæхæццæ кодтой æдас ранмæ.

Ныхмæлæуд куы фæсабыр, уæд сæ фæндаг адарддæр кодтой. Артёмовскы бæстон æркасты фæстæ къах уæрагæй бынмæ бахъуыцд алыг кæнын. Уый фæстæ реабилитаци Мæскуыйы. Йæ бинойнаг Виолеттæ йæ сывæллæтты фыды уавæры тыххæй æрæджиау базыдта. Хиуæттæ йын æй нæ дзырдтой. Азæмæт æм йæхæдæг фæдзырдта сæйраг сахарæй. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ уыцы уæззау рæстæг ферох кæнын фæнды. Цалдæр боны йæхи дæр не мбæрста.

Ныфсдæттæг дæр Азæмæт йæхæдæг уыд. Хъæлдзæг ныхæстæ дæр иу акодта. Йæ цот – чысыл Давид æмæ Данæ йын йæ зæрдæ рухс кодтой. Сæ хъайтарæй бинонтæ сæрыстыр сты. Дзæуджыхъæумæ куы сыздæхт, уæд бынаты йæ службæ адарддæр кодта. Ныртæккæ йæхи дзæбæх кæны. Алы дыууæ азы протез хъæудзæн ивын. Процедурæ аслам нæу, фæлæ йын паддзахад æххуыс кæны.

Социалон фарстатæ та иуварс кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ фонды. Абайты Азæмæтмæ кæсы Цæрæкты Мæдинæ. Куратор ын æххуыс кæны инвалиды æвдисæндар, субсидитæ æмæ фиддонтæ расыны хъуыддæгты. Азæмæт контракт кæй бафыста, ууыл фæсмон нæ кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ æфсæддон хæлæрттæм бæргæ аздæхид, ныртæккæ дæр æм семæ бастдзинад ис. Йæ Фыдыбæстæйы раз æфсæддон йæ хæс сæххæст кодта, ныр хъæддых кæндзæн йæ æнæниздзинад æмæ цин кæндзæн йæ цоты хорздзинæдтыл.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хуыдæлты Тотрадз I Фæрдгуытæ
3.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 9: Изучение позднеаланской культуры | Ossetica
3.08.2026
Капитальный ремонт в школах, этнофестиваль «Рон», Феликс Царикати I Самое время
3.08.2026
Реставрация I Доброе утро, Осетия
3.08.2026
В итоге: 2 августа
2.08.2026
Олег Тайсаев | Песни под звездами
2.08.2026
Гуыцмӕзты Ренат ӕмӕ Хекъилаты Мирӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
2.08.2026
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Год единения народов России I Гвардия
1.08.2026
Зарождение промышленности Северной Осетии I Ход истории
31.07.2026
Цас хъусдаринаг сты æхсæнады сагъæстæ фидæныл æмæ нырыккон архитектурæйы фарстатæ | Йæ рæстæгыл
31.07.2026
31.07.2026 I Доброе утро, Осетия!
31.07.2026
Премьера фильма «Старый орёл» и актуальные новости недели | Самое время
30.07.2026
Хохойти Энвер I Уидӕгты ирдгӕ
30.07.2026
Все рекомендуемое