preloader
сейчас в эфире
01:57
ЛАБÆ. ÆНУС ÆМÆ ÆРДÆГ 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:30
ДВЕ СТРУНЫ 12+
02:30
ВЕНГЕРСКАЯ АЛАНИЯ 12+
03:45
ВЯЧЕСЛАВ ГУЛУЕВ. К ЮБИЛЕЮ МАСТЕРА 12+
04:35
ИЗОБРЕТАТЕЛЬ, СЫН МЫСЛИТЕЛЯ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЛАБÆ. ÆНУС ÆМÆ ÆРДÆГ 12+
close

Адæмон кафты ансамбль «Артар» райста Гран-при æппæтадæмон æркасты

16.05.2023 13:15

Мадзал ацыд Мæскуыйы. Уæлахиздзау суæвын фæндыд бæстæйы алы регионты къордты. Уыимæ ма Сомихы æмæ Азербайджаны минæвæртты. Ирыстойнаг кафджытæ рамбылдтой цы номинациты архайдтой, уыдон се ‘ппæт дæр.

Хуыздæрты ‘хсæн! Адæмон кафты ансамбль «Артар» радон хатт сси уæлахиздзау. Æвзонг фæсивæды фыццæгтыл банымадтой æппæтадæмон æркаст «Уæрæсейы чемпионтæ»-йы. Мадзал ацыд Мæскуыйы. Уæлахиздзау суæвын фæндыд бæстæйы алы регионты къордты. Уыимæ ма Сомихы æмæ Азербайджаны минæвæртты. Ирыстойнаг кафджытæ рамбылдтой цы номинациты архайдтой, уыдон се ‘ппæт дæр.


Уæнгты аив æмæ раст змæлд. Кавказаг кафты рæсугъддзинад чызджытæ æвдисынц æххæстæй. Лæппуты зæрдæйы уаг та — сæрæн æмæ тыхджын партиты. 500 курдиаты ахуыр кæнынц кафты сусæгдзинæдтæ базоныныл, уыимæ кæрæдзийы алы фезмæлд æмбырыныл.

Ансамбль равзæрд аст азы размæ. Уыцы æмгъуыдмæ сæ къухы чысыл нæ бафтыд. Иу æркастæй дæр æнæ сызгъæрин майдантæй не здæхынц. Уый та уымæн æмæ бæстонæй сæхиуыл кусынц, тырнынц фыццæгты æмрæнхъ æрлæууынмæ.

Æвзонг фæсивæд æрæджы æппæтадæмон конкурс «Чемпионы России»-йы рамбылдтой гран-при. Æркаст ацыд Мæскуыйы. Дæсгай коллективтæ нæ бæстæйæ, уыимæ Абхази æмæ Сомихæй. Фæлæ ирыстойнаг кафджытæ разындысты хуыздæр. Кавказы адæмыхаттыты 6 кафты æмæ 6 фыццаг бынаты. Ахæм æнтыстдзинадмæ «Артар»-ы сæхи цæттæ кодтой æртæ мæйы.

Уæд ма «Артар» бæстæйы сæйраг горæты аивадуарзджыты зæрдæтæ балхæдта концертæй. Æртæ сахаты бæрц программæ æмæ 22 кавказаг кафты. Мæскуыйы цæрджытæ ахæм равдыст рагæй нæ федтой. Ирон, аджайраг, азербайджанаг æмæ æндæр кæфтытæ. Фæсивæды стырдæр лæвар уыд аивадуарзджыты тыхджын къухæмдзæгъд.

Къорды архайджытæ ныр иу мæй уыдзæн фæлладуадзæн рæстæг. Июны кæрон та «Артар» нæ регион кад хъахъхъæндзæн Турчы. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хатт дæр сæ тыхтæ нæ бавгъау кæндзысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
Все рекомендуемое