Адæмы сфæлдыстады хæдзары байогм равдыст. Аивадуарзджыты размæ рахастой 100 куыстæй фылдæр алыхуызон жанрты. Се ‘ппæтты дæр фенæн ис нæ Фыдыбæстæйы рæсугъд бынæттæ æмæ истори.
Хангæйы зæлтæм хъусгæйæ, аивадуарзджытæ нывтæм лæмбынæг кæсынц. Хъæды æмæ хæххон пейзажтæ, зындгонд Суннитаг мæзджыт æмæ бирæ æндæр фæлгонцтæ. Райгуырæн Ирыстоны рæсугъд бынæтты хуызтæй равдыст хъæздыг рауад. «Цæмæй райдайы Фыдыбæстæ» – ахæм сæргонд дæр ын хуымæтæджы нæ радтой.
Ам ис дæсны арæзт националон куклатæ, нымæтæй, фæрдгуытæй арæзт æмæ сызгъæрин æндахæй хуыд дзауматæ. Бацархайдтой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ дæр: хъаматæ, сылгоймаджы рæттæ, æмæ æндæр сфæлдыстад. Хъараты Наталья адæмы размæ йæ нывтæ рахаста. Сæ иу — «Уалдзæг». Куыд зæгъы, афтæмæй, йæ сæйраг куыстæй уæлдай, нывкæнынады хи фæлварын æнцон нæу, фæлæ ацы ныв сцæттæ цалдæр бонмæ. Куыстытæн аргъ скодтой Ирыстоны раззагдæр нывгæнджытæ.
Ирд æмæ æнахуыр. Ам алы ныв, алы дзаума дæр у райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæй хъæздыг. Экспозици нысангонд у Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ. Равдыст ахæсдзæн 2 мæйы. Æдæппæтæй дзы бацархайдтой Дзæуджыхъæу, уыимæ республикæйы алы районтæй 15 нывгæнæджы.
















