Мариинаг театры филиалы сценæйыл уыд оперæ «Александр Невский»-ы премьерæ. Сæвæрдта йæ композитор, Узбекистан æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, профессор Грайр Ханеданьян.
Сæйраг хъайтар дзы у æрыгон æмæ курдиатджын æфсæддон Александр. Æвдыст дзы цæуы йæ цард Невайы тохы размæ. Спектаклы архайдтой Мариинаг театры оперон зарæггæнджытæ, камерон æмæ симфонион оркестртæ. Разамынд сын лæвæрдта дирижер Филипп Селиванов. Алæмæты музыкæйы фæрцы аивадуарзджытæ хуыздæр бамбæрстой хъайтрты æнкъарæнтæ æмæ рагон дуджы ахорæнтæ.
«Навстречу солнцу» проекты фæлгæты æмæ президенты фонды æххуысæй гастрольтæ ацæудзысты Санкт-Петербург æмæ Псковы дæр.
















