Сæ фыццаг зæлтæй дæр алы ирон адæймагæн зонгæ, зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг мелодитæ. Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Мыстулаты Иринæйы музыкалон уацмысты нотæты æмбырдгонды презентаци ацыд Металлургты культурæйы галуаны. 23 мелодийы ‘хсæн Мыстулаты Иринæйæн йæхи фыст музыкæ, уыимæ ма адæмон цæгъдтытыл бакуыстытæ дæр. Нотæты æмбырдгонд пайда уыдзæн студенттæн, национ оркестртæн. Æхсызгон лæвар у ирон музыкæ йæ уды бæрц чи уарзы, уыдонæн. Кадджын мадзалы уазæг уыд нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ.
Сæ фыццаг зæлтæй дæр алы ирон адæймагæн зонгæ, зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг мелодитæ. Мыстулаты Иринæйы цæгъдтытæн æмбырдгонд кæй фæзынд, уый аивады кусджытæн стыр бæрæгбон у. 23 уацмысы — се ‘хсæн куыд Иринæйæн йæхи фыст музыкæ, афтæ адæмон медодитыл бакуыстытæ дæр. Чиныг рацыд Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары сфæлдыстадон совет æмæ Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы методикон советы уынаффæйæ.
Нотæты æмбырдгонд стыр уарзондзинадимæ арæзт у. Мыстулаты Иринæйы тыххæй дзы мæнæ ахæм ныхæстæ фыссынц: «Хуыцау Мыстулонæн цы азтæ балæвар кодта, уыдон фæстаг уысмы онг снывонд кодта ирон фæндырæн. Уыдис ын йæхи æрмдзæф æмæ йæхи фæндаг. Уыцы фæндагыл ныссагъта фарны бæлæстæ алæмæты цæгъдтытæ æмæ зарджытæй». Ныр æрмæгæй пайда кæндзысты куыд ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, оркестртæ æмæ ансамбльтæ, афтæ хуымæтæг аивадуарзджытæ дæр.
Æмбырдгондыл бакуыста æппæтадæмон æркастыты лауреат Мылыккаты Светланæ. Дарддæр — Аивæдты колледжы национ инструментты хайады разамонæг Абойты Хетæг. Иринæйы чызг Хуытыгаты Маринæ ацы чиныг саразынмæ рагæй бæллыд.
Кадджын мадзалмæ уыйбæрц адæм æрбамбырд æмæ Металлургты галуаны къух бакæнæн дæр нæ уыд. Сценæйæ та Иринæйы уацмыстæ азæлын кодтой Ирыстоны хуыздæр музыканттæ. Фидæны дæсны фæндырдзæгъдæг ацы дæсныйад нырма сабийæ равзæрста. Йæ хорз æмбал Уырымты Хъасполатмæ бирæ æхсызгон мысинæгтæ баззад.
Афтæ, 1957-æм азы, 7-æм къласы ахуыргæнгæйæ, сси адæмон инструменттыл цæгъдджыты æркасты уæлахиздзау. Сæйраг лæвар дзы уыд — ирон фæндыр. Уæдæй фæстæмæ Иринæ ацы инструмент уæгъд нал суагъта. Мыстулоны фæндыры хъæлæсæй дзырдта Ирыстоны уд. Бæрзонд хæхтæ, цъититы арфы чи гуыры, уыцы æхсæрдзæнтæ, бæркадджын быдырты фарн, фыдæлты кадджытæ æмæ таурæгътæ, фæллад зæхкусæджы æнкъарæнтæ æмæ ирон сылгоймаджы æфсарм цыдысты йæ фæндырдзагъды. Уымæй уæлдай, йе сфæлдыстадыл схъомыл курдиатджын музыкантты фæлтæр.
Иринæ уыд адæмон инструментты национ оркестры солисткæ. 30 азы балæвар кодта сывæллæтты хореографион ансамбль «Маленький Джигит»-æн. Уæдæ Пионерты галуан та, хи хæдзарау, адджын уыд Мыстулонæн. Ам Агънаты Земæймæ райдыдтой кусын дала-фæндырыл цагъд сæндидзын кæныныл. Æмæ кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр нæ бамынæг Иринæйы кадæг. Æрцардис нотæты æмбырдгонды, æмæ ныр æнусмæ цæрдзæн Иры фæндырты.
















