Промышленность æмæ энергетикæйы бæрны цы бæстыхæйттæ ис, уым хи фыдбылызтæй бахъахъхъæныны фадат нæма ис. Фæлæ уавæр хуыздæрырдæм ивы. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой «Ростехнадзор»-ы Цæгат Кавказы управленийы æмбырды. Уый фæдыл нæ республикæмæ ссыд ведомствойы федералон службæйы разамонæг Алексей Алешин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цы объекттæ бабæрæг кодта, уым фыдбылызтæ дыууæ хатты фæкъаддæр сты. Фыдбылызтæм чи расайдта, ахæм цаутæ 30% фæкъаддæр сты. Хъыгагæн, дзы 60 адæймаджы фæмард. Фыдбылызтæ арæхдæр æрцæуынц адæймаджы аххосæй: кусджытæм фаг фæлтæрддзинад кæй нæ вæййы, æдасдзинады фæтк кæй халынц, кæнæ та кусæнгæрзтæ кæй базæронд сты æмæ дзæбæх кæй нал фæкусы, уый аххосæй.
Цæгат Ирыстоны тæссаг куыстæттæ сты 600. Фарон республикæйы æрцыд дыууæ фыдбылызы, фæмард дзы иу адæймаг.
















