Æнæнхъæлæджы уавæрты республикон разамынды кусджытæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Доны станцæйы цæттæдзинад сæрдыгон рæстæгмæ. Инспекци уал уыдис развæлгъауы бæрæггæнæнтæ иртасæг. Ирвæзынгæнджытæ æркастысты станцæйы кусджыты ифтонгдзинадмæ, сарæзтой сын дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Сбæрæг сын кодтой сæ куыстæн бардæттæг гæххæттытæ дæр. Доны станцæйæн йæхи ирвæзынгæнджытæ хъуамæ уой 6, кæд нырма 3 йеддæмæ нæма сты, уæддæр. Хъуамæ ма Доны станцæйы æппæт фæзуатыл уа цæстуынгæ æрмæг дæр æдасдзинады домæнтæ, доны æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты хи дарыны æгъдæуттимæ.
Æнæмæнг дзы хъуамæ уа ирвæзынгæнæн станцæ дæр. Зæгъæн ис, æмæ цæттæ у, а-дыууæ боны йæ райдайдзысты æвæрын. Хинайæн æмгъуыды райдианмæ ма санитарон-эпидемиологон станцæйы кусджытæ хъуамæ рахæссой сæхи хатдзæг дæр, дон бæззы æви нæ, уый фæдыл. Уыйфæстæ сæрмагонд бардзырд хъуамæ сфидар кæна горæты разамынд. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фæлладуадзæн рæстæг байгом кæныны фæнд кæнынц 1-æм июны. Фæлæ, гæнæн ис, æмæ йæ фæстæдæрмæ аргъæвдзысты.
















