Гыццыл лæппу Левыл ӕрмӕст 3 боны цæуы. Сабыр у. Бирӕ фынӕй кӕны ӕмӕ райхъал вӕййы ӕрмӕст хӕрынмӕ. Йӕ мад Дарья Болтенкова ныридӕгӕн йӕхи цӕттӕ кӕны рафыссынмӕ. Ацы сывæллон ын æртыккаг у. Йӕ фыццаг дæр, 11 азы размӕ, сылгоймагæн ам райгуырд. Хайады дохтыртӕ йын хиуæтты хуызӕн систы.
Æфсӕнвӕндаджы рынчындоны хайад кусы 1994 азӕй. Ӕмӕ дзы 30 азӕй фылдӕрмæ дунемӕ фӕзынд сывæллæтты ӕртæ фӕлтӕры. Ацы бонты рафыстой, кӕддӕр йӕхӕдӕг ам чи райгуырд, уыцы ӕрыгон мады.
Арӕндоны фæзынд егъау ногдзинад. Цалцӕг сӕхи хъарутӕй скодтой, ӕрмӕст мӕй ӕмӕ ӕрдӕгмӕ. Сног кодтой палатӕтӕ, тыргътӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хайад. Фӕлӕ ууыл ныллӕууын сӕ зӕрды нӕй.
Сынтӕджытӕ — 20. 5 — патологийӕн, иннӕтӕ — арӕндонӕн. Техникон сконд — цас гӕнӕн ис, уыйас хъæздыг. Ноггуырдты адаптацийӕн сӕвӕрдтой нырыккон кювезтӕ. Ис дзы бурниз дзӕбӕх кӕныны лампӕтӕ ӕмӕ райдиан реанимацийы ИВЛ-аппарат. Сывӕллӕтты палатӕтæ ссыгъдæг кæнынц алы ӕртӕ боны дӕр. Уый дӕтты иттæг хорз сыгъдæгдзинад.
Абон хайады —10 ныййарæджы сывæллæттимæ ӕмӕ 3 æнхъæлмæ кæсынц сабийы райгуырдмæ. Ӕдӕппӕтӕй та 2025 азы ам райстой ӕхсӕзсӕдӕ адæймаджы бӕрц.
















