Чысыл хъайтартæй цух нæу нæ республикæ. Цæгатирыстойнаг скъоладзауты схорзæхджын кодтой «Горячее сердце», зæгъгæ, риуыл дарæн нысанæй. Къубалты Камилæ, Золойты Анжеликæ æмæ Мырыкаты Артур ахæм вазыгджын хæрзиуæджы аккаг систы, сывæллæтты кæй фервæзын кодтой, уый фæдыл. Кадджын уавæры сын сæ радта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Ацы цау, цыма кинонывæй ист у, афтæ кæсы адæймагмæ. Зымæгон бон. Цады цур чысыл хæдзар. Кæмдæр зынтæй хъуысы сывæллоны хъæр. Мырыкаты Артур авдаздзыд Дамиры ихджын донæй куыд сласта, уый тыххæй цыбыртæй дзуры, фæлæ йæ хорз хъуыды кæны.
Артур ма Дамиры къух æппынфæстаг рацахста. Уæдмæ лæппу æнæхъæнæй доны уыд. Сæ дыууæйæн дæр тас куы ницæмæй уал уыд, уæд æрыгон ирвæзынгæнæг фæдзырдта хистæртæм.
Камилæ æмæ Анжеликæйы сæрæндзинады тыххæй Мæздæджы иууылдæр фехъуыстой. Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны боны чызджытӕ уыдысты фынкимӕ бӕрӕгбоны. 5-аздзыд сабийы дӕр уыцы фынчы бын ссардтой. Уыдис уадзыг.
Тарст æмæ лæмæгъ сывæллоны фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Цæрдæг æмæ хæрзарæхст чызджытæй та æппæлын райдыдтой се ‘мкъласонтæ. Кадетты къласы Камилæ æмæ Анжеликæ ахуыр кæнынц иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Æмæ диссаг дæр уымæн нæу, ацы дыууæ кæй фæцырд сты æххуысмæ, уый.
Чызджытæй иу уыдзæн æфсæддон дохтыр, иннæ та – логопед. Артур та фидæны цавæр дæсныйад æвзардзæн, уый нæма зоны. Алы куыст дæр æм цымыдисаг кæсы. Фæлæ сæ алчидæр ныридæгæн æхсæнады æмбаргæ уæнг кæй у, уый нæ республикæйы æппæты уæлдæр æмвæзадыл дæр фæбæрæг кодтой. Хъыгдард чи баййæфта, ахæм адæмæн æххуыс кæнгæйæ цы æхсардзинад æмæ хъæддыхдзинад равдыстой, уый тыххæй се ‘ртæйы дæр схорзæхджын кодтой риуылдарæн нысæнттæй.
Сергей Меняйлойы сæрмагонд лæвар æрыгон хъайтартæн – сæхи хуызæн ирвæзынгæнæг сывæллæтты тыххæй чингуытæ. Стæй ма, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæбын арфæтæ æгас республикæйы цæрджыты номæй.
















