Хъармгæнæнтæй, пецтæй æмæ газы æндæр гæрзтæй цæрджытæ раст кæй нæ пайда кæнынц, уый тыххæй арæх æрцæуы зынгсирвæзтытæ. Фыдбылызтæ фæфылдæр вæййынц фæззыгон-зымæгон рæстæг. Уый фæдыл Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ аразынц профилактикон мадзæлттæ. Абон бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн куыстуæттæ.
Æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнын хъæуы æнæмæнг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ, фыццаджыдæр, бæрæг кæнынц, хъармгæнæн куыстуæтты зынгсирвæзты ныхмæ хъæугæ гæрзтæ ис, æви нæй.
Æмбарынгæнæн ныхас кæнынц кусджытимæ дæр. Бæлвырд сын дзурынц, зынсирвæзт ма руадзыны тыххæй хи куыд дарын хъæуы, уый.
Хъармгæнæн куыстуат у, æнæнхъæлæджы цаутæй тæссаг кæм у, ахæм бынат. Уымæ гæсгæ, цы уавæры сты, уый бæлвырд кæнын хъæуы æппынæдзух. Статистикæмæ гæсгæ, уазал рæстæг куы ралæууы, уæд зынгсирвæзтыты нымæц 30% фæфылдæр вæййы. Сæ фылдæр хай æрцæуы цæрæнуæтты. Уый хынцгæцæ, хъармгæнæн рæстæг куы райдайы, уæд Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ уæлдай къæрцхъусдæр вæййынц.
Хъармгæнæн куыстуæтты æдасдзинадмæ сæ цæст дарынц йæ кусджытæ сæхæдæг дæр.
Зынгсирвæзт ма руадзыны тыххæй афæдзы райдианæй нырмæ арæзт æрцыд 600 басгæрстæй фылдæр. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы специалисттæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ æнæмæнг кæй хъæуы сбæрæг кæнын пецтæ æмæ хæтæлты уавæр.
Дзæдзойты Фатимæ
















