Цæгат Ирыстоны райдыдта Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæрмагонд рæстæг. Æдæппæтæй уыцы хæс бакæнын хъæуы 5 минмæ `ввахс адæймаджы. Уыдонæй 600 сты ивгъуыд азты рауагъдонтæ. Абон сæ зонындзинæдтæ бæрæг кодтой географи æмæ литературæйæ. Ацы мæй ма ратдзысты математикæ. Фæлварæн уыдзæн 29 майы. Хими æмæ истори та дæтдзысты 31-æм майы. Æппæт бæстæйы фæлварæнтæ дæттыны сæйраг рæстæг фæуыдзæн 1 июлы. Куыстытæм кæсдзысты регионалон æмæ федералон къамисты уæнгтæ. Куыд ивгъуыд азы, афтæ ацы хатт дæр рауагъдонтæ арæхдæр дæттынц æхсæнад зонынад. Ацы предметы хи бафæлварын фæнды 2 мин адæймагæй фылдæры. Географи та равзæрстой 170 адæймаджы. Сæ размæ уыдис 34 хынцæджы. Ацы аз фæткмæ бахастой ивдзинæдтæ дæр. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фæлварæнмæ сæхи канд рауагъдонтæ нæ, фæлæ ма ахуыргæнджытæ дæр кæй цæттæ кодтой. Уыдонæн сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Фæлварæнтæм йæ цæст чи дардта, уыдоны нымæц та уыдис 70 адæймагæ фылдæр.
Людмила Башарина, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр: «Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны пунктты алы аудитори дæр ифтонггонд у видеоцæстарды системæйæ. Алы ран дæр ис дохтыр. Уыдон цæттæ сты хъæугæ медицинон æххуыс бакæнынмæ. Æдасдзинмæ кæсынц пъæлицæйы кусджытæ».















