Æнусон арты хай ссыгътой 38-æм скъолайы. Актон залы судздзæн куыд номарæн нысан, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи радта, уыдоны номыл. Æфсæддонты хъæбатырдзинадæн аргъ кæнгæйæ минут æдзæмæй алæууыдысты. Мадзалы цы ветерантæ архайдтой, уыдонæн сарæзтой концерт, акодтой æфсæддон зарджытæ.
Ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой театралон равдыстытæ, архайдтой зæрдиагæй. Мадзал арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы боны кадæн.
















