Æдæппæтæй дзы ис кары дыууæ категорийы: Бындурон – астæуккаг профессионалон ахуырады студенттæ æмæ юниортæ – скъоладзаутæ. Компетенцитæ сты алыхуызон: “Агуыридуртæ амайын”, “Хъæддæсныйы куыст” “Сити-фермерство” æмæ, æнæмæнг, се ‘ппæтæн уарзон “Ирон чъиритæ фыцын”-ы. Сæргълæууæг фæнысан кодта, чемпионат “Профессионалы” æрмæст конкурс нæу.
Уый у фидæны дæсныйад равзарынæй фыццаг æнтыстдзинæдтæм фæндаг. Фадат дæтты кусæг дæсныйæдты стыр ахадындзинад равдисын, сæ кад сын раздахын. Уымæй уæлдай та ма кусджытæ бынаты аргъ скæнынц фидæны специалистты арæхстдзинадæн. Уымæн сын æххуыс у нацпроект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”.
















