Æппæтдунеон Иры Стыр ныхасы советы сылгоймæгты комитеты уæнгтæ фембæлдысты студенттимæ. Фембæлды дзырдтой ирон адæмы истори æмæ культурæйыл. Æмбырды архайджытæ рæгъмæ рахастой ахсджиаг хъуыддæгтæ. Фæсивæд сæ фæрстытæ лæвæрдтой хистæртæн.
Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтыты рæстæг кæстæрты ‘ргом раздахын хъæуы æхсæнады хи куыд дарынц, уымæ. Уæлдайдæр та культурон мадзæлтты æмæ фæлладуадзæн бынæтты.
















