Сæ тæмæны бацыдысты зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сбæрæг кодтой цалдæр объекты. Æдæппæттæй фæнд кæнынц фенын 240 объекты.
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ сабыргай цæттæ кæнынц.хъармгæнæн рæстæгмæ. Лермонтовы номыл уынджы ивынц хъармдæттæг трассæйы хæтæл. Йæ дæргъ у 50 метры. Цалцæггæнæн куыстытæ фæуынвæнд кæнынц 2 бонмæ.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дарддæр абалц кодтой Спутник хъæумæ. Федтой сæйраг хъармгæнæнтæ. Æдæппæттæй сты 3. Сæ фæрцы 27 бирæфатерон хæдзары æмæ 1 рæвдауæндон тавынц æмæ тæвд дон дæттынц. Ныртæккæ дзы бындуронæй цалцæг кæнынц иу хъармгæнæн. . Куыстытæ тагъд рæстæджы хъуамæ фæуой.
Экспертты къамис ма федта, Шмулевичы номыл цы хъармгæнæн ис, уый дæр. Пайда дзы кæны 2 бирæфатерон хæдзары æмæ цалдæр объекты. Кусы фæткмæ гæсгæ, аиппытæ дзы нæ рабæрæг.
Мониторингы рæстæг цы хъæндзинæдтæ рабæрæг кæной, уыдон бахæсдзысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадмæ. Сæйрагдæр у, цæмæй хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуой æнæ къуылымпытæй æмæ нысангонд пъланмæ гæсгæ.
Пелиты Сабинæ















