Социалон æмæ паддзахадон фиддонтæ ныр цæудзысты банчы карта «Мир»-мæ. Уæрæсейаг фиддонты системæ «Мир» уыцы хæс йæхимæ райсдзæн 1-æм октябрæй фæстæмæ.
Закъон йæ тыхы бацæудзæн хицауады бадзырдмæ гæсгæ. Уый тыххæй хъусын кæны пенсион фонды регионалон хайад. Раздæр фæнд кодтой ахæм фæткмæ 1-æм июлæй рахизын, фæлæ коронавирусы пандемийæйы тыххæй хъуыддаг аргъæвтой. Ног уагæвæрд хауы æрмæст æхцайы фæрæзтæ банкоматæй чи исы, уыдонмæ. Сберкнижкæ кæнæ посты уылты йæ пенси чи исы, уыдон сæ раздæрау исдзысты. Банчы картæ ивд куы ’рцæуа, уæд хъæудзæн ног картæйы реквизиттæ Пенсион фондмæ бахæссын. Уый саразæн ис электрон хуызы, кæнæ паддзахадон лæггæдты порталы фæрцы.















