«Хъæд бахъхъæнын». Ахæм æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты Алагиры ныссагътой сырх тулдз бæласы 1800 талайы. Бацархайдтой дзы хъæд хъахъхъæнынады управленийы кусджытæ, Алагиры скъола-интернаты ахуырдзаутæ æмæ Цæгат Кавказы хъæды хæдзарад. Алагиры скъола-интернаты коллектив æрвылаз кæй архайы бæлæстæ садзыныл, уый фæдыл хорзæхджынгонд æрцыдысты республикæйы Æрдзон министрады бузныджы фыстæгæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, акци арæзт кæй цæуы национ проект «Экологи»-мæ гæсгæ. Æдæппæтæй дзы архайынц Уæрæсейы 82 субъекты. Мадзал бацæттæ кодтой бæстæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад, хъæды хæдзарады федералон агентад æмæ æрдз хъахъхъæныны æппæтуæрæсеон æхсæнад «Молодежка ОНФ»-ы æххуысæй.
















