Куыд æй базыдтам, афтæмæй уым цæуынц альпинистты æмбрыдтытæ.
Сæ архайджытæ бахаудысты æнæнхъæлæджы цауы. Ныхас цæуы 4 адæмаджы цы къорды сты, уыдоныл. Хохы цъуппæй сæ фæндаг фæстæмæ куы ракодтой, уæд 2 альпинисты хъыгдард баййæфтой. Бынаты цы дохтыр куыста, уый сæм медицинон æххуысæй фæкаст. Фæлæ, алы хуызон травмæтæ кæй райстой, уый тыххæй сæхи, уыимæ ма иннæ архайджыты æххуысæй дæр, сæ бон фæзмæ æрхизын нæу.
Бынатмæ батагъд кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Сты 8-æй. Агурæн-ирвæзынгæнæн къорды сæргъы ис Серегй Егорин. Куы бахъæуа, уæд бынатмæ ракæндзысты авиаци дæр. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый æмæ авирхъау уавæры цы къорд бахауд, уый сæрмагондæй регистраци не скодта. Ацы Хабар тыххæй ма уын бæлвырддæр хъусын кæндзыстæм нæ иннæ программæйы.
















