preloader
сейчас в эфире
14:36
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
Смотрите Далее
15:00
НЕ 'ВЗАГ СÆ ХÆЗНА 12+
15:25
СУДЗАГ ÆВЗАГ 12+
15:40
ИСТОРИЯ В КАДРЕ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
СВЯТЫНИ РОССИИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
close

Æрхоны хъæумæ фæзилæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтарæн байгом кодтой цыртдзæвæн

22.01.2021 12:08

Обелискыл фыст хъæбатырты рухс нæмттæ æрымысынмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ, районы разамынд, ветеранты советы, стæй æхсæнады минæвæрттæ æмæ скъоладзаутæ.

Уæлладжыры комы Æрхоны хъæумæ фæзилæны байгом, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатырты номыл цыртдзæвæн. Обелискыл фыст хъæбатырты рухс нæмттæ æрымысынмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ, районы разамынд, ветеранты советы, стæй æхсæнады минæвæрттæ æмæ скъоладзаутæ.


Æрхоны хъæумæ фæзилгæйæ ныр ацы цыртдзæвæн бæрæг дардзæнис. Фыццаг бакастæй дæр бæрæг у, бæстонæй æмæ йыл зæрдиагæй кæй бакуыстой, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттæгтæ чи баисты, уыдоны ном ацы цыртдзæвæн адæмы зæрдыл лæууын кæндзæн. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ сæвæрыныл архайдтой къорд азы.

Икъатæ, Хъаммæрзатæ, Дзодзитæ, Хъантетæ, Цопантæ, Хосатæ æмæ Хуыдæлтæ. Хыгъд ис дарддæр ахæццæ кæнæн. Алы хъæбатыры ном дæр ныр сæнусон намысы къæйдурыл. Æдæппæтæй Дæйыхъæу æмæ Æрхонæй немыцаг æрдонгты ныхмæ араст 64 адæймаджы. Уыдонæй 38 фæстæмæ нал æрыздæхтысты.

Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи бацарæфтыд, уыдоны хæстæджытæ, хиуæттæ, æхсæнадон организациты æмæ районы разамынды минæвæрттæ. Скъоладзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ, ссардтой сæ номдзыд хистæрты нæмттæ.

Мемориал саразыны фæнд разынд бынæттон цæрджытæм. Кусгæ дæр ыл бакодтой æмдыхæй районы хицауадимæ. Къæвда æмæ дымгæ конструкцийы ницы бахъыгдардзысты. Фидар лæудзæн, тохы быдыры чи фæмард, уыдоны номыл.

Тугуарæн хæстмæ цы фæсивæд фæцыд, уыдон хæцыдысты фидæны фæлтæртæн райдзаст цард саразыныл. Цæгат Ирыстоны ветеранты æхсæнады сæрдар Фриаты Хъазыбег куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаг ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладæн.

Хъæуы цæрджыты хъæппæрисæй конд цыртдзæвæныл ма бынат баззад. Мыййаг, кæд Æрхон æмæ Дæйыхъæуæй рацæугæ хъæбатыртæй искæмæн йæ ном нæма сбæрæг, зæгъгæ. Ууыл та куыст дарддæр дæр цæудзæн. Рохуаты хъуамæ иу салдат дæр ма баззайа.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Лица героев, победы североосетинских тхэквондистов и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
2.07.2026
Поэт ӕмӕ дубляжы актер I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.07.2026
Елена Седышева и Дмитрий Седышев I Дело мастера
1.07.2026
О героях и добрых делах I Среда влияния
1.07.2026
День смеха I Доброе утро, Осетия!
1.07.2026
Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон, хъазахъхъæгты æхсæнады 30 азы æмæ ирон цыхты хуызтæ | Йæ рæстæгыл
30.06.2026
Дарг-Кох I Вокзал для двоих
30.06.2026
Управляющие компании | По факту
30.06.2026
Алла Абиева I Профессиональный путь
30.06.2026
Социалон хызтæ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.06.2026
Лето в самом разгаре I Самое время
29.06.2026
Один из способов изготовления кобанских металлических предметов I Ossetica
29.06.2026
Летние ловушки на дороге: чего стоит избегать I Вместе за безопасность
29.06.2026
Прощание со школой! I Доброе утро, Осетия!
29.06.2026
В итоге: 28.06.2026
28.06.2026
Все рекомендуемое