Æрыдоны кадджын уавæры байгом ног спортивон комплекс. Мадзал сбастой æппæдадæмон юбилейон форум «Россия – спортивная держава»-имæ. Ахæм объекттæ ма, Цæгат Ирыстонæй уæлдай, видеобастдзинады хуызы равдыстой бæстæйы 10 регионы. Кадджын мадзалы бацархайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Комплекс арæзт у национ проект «Демография»-йы федералон проект «Спорт – норма жизни»-йы æххуысæй. Дыууæуæладзыгон бæстыхайы фæзуат у 5 мин квадратон метры. Ам спортæй архайынæн ис нырыккон уавæртæ. Уæгъдибар хъæбысхæст, бокс, рог æмæ уæззау атлетикæ, аэробикæйы залтæ. Кæрты та уыдзæн футболæй æмæ теннисæ хъазыны фадат. Арæзтадæн хайгонд æрцыд 255 млн сомы бæрц, уыдонæй 167 — федералон бюджеты фæрæзтæ.
















