Дзæуджыхъæуы æхсæнадон бынæттæ æмæ кæртыты ивынц асфальт, бордюртæ æмæ къахвæндæгты уæлцъар. Æвæрынц ног бандæттæ, бырондæттæ æмæ хæдзæрттæм бахизæнты сæрмæ рухсгæнæнтæ. Куыстытæ цæуынц «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» стæй «Хæрзвадат æмæ цъæхфæлысты» программæты æххуысæй.
Объекттæн сæ фылдæр ныридæгæн цæттæ сты. Афæдзы кæронмæ сæ хъуамæ иууылдæр фæуой арæзт. Иннæ аз та снывыл кæндзысты 18 кæрты.
















