preloader
сейчас в эфире
03:14
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (3-ая СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
03:30
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
03:50
СКАЖИ НАРКОТИКАМ - НЕТ! 12+
ТВ ПРОГРАММА
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (3-ая СЕРИЯ) 12+
close

Æрыдоны районы æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнынц

5.06.2019 20:45

Æрыдоны æмæ Дыгуры районты цы тæрккъæвдатæ æмæ тыхджын дымгæ ракодта, уыдон бахъыгдæрдтой бынæттон цæрджыты хæдзæрттæ.

Æрыдоны æмæ Дыгуры районты цы тæрккъæвдатæ æмæ тыхджын дымгæ ракодта, уыдон бахъыгдæрдтой бынæттон цæрджыты хæдзæрттæ. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ уæрæг сты. Æвзæр боныхъæды аххосæй афæлдæхтысты бæлæстæ, электрон тыхы телтæ бирæ рæтты аскъуыдысты. Уый тыххæй адæм æнæ рехсæй баззадысты. Сæрмагонд службæтæ бавнæлдтой фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ. Райдыдтой уыцы бон æмæ ныр дæр ма цæуынц. Ныфс æвæрынц, аизæр адæмы хæдзæрттæм рухс кæй бакæлдзæн, уымæй. Не`сфæлдыстадон къорд абон уыди Æрыдоны районы. Хуасдзауты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.


Боныхъæд расайдта æвзæр фæстиуджытæм. Тыхджын дымгæйы аххосæй электрон тыхдæттæг телтæ хъыгдард баййæфтой. Уыцы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл ныридæгæн архайы 3 сæрмагонд къорды.

Æрмæст электрон тых нæ, фæлæ ма Æрыдоны цæрджытæм дон дæр нæй. Уымæн æмæ доцъирæнтæ электрон тыхимæ баст сты. Æрыдоны инженерон хызæгты кусджытæ архайынц, цæмæй хæдзæртты рухс ногæй фæзына. Дымгæ ахæм тыхджын уыд æмæ систа цалдæр бирæуæладзыгон хæдзары сæртæ. Цæрджытæ æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ сæхи тыхтæй дæр иуварс кæнынц.

Æрдзон фыдбылыз хи хæдзæртты дæр æнæ хъыгдардæй нæ ныууагъта. Кæм сын сæ сæр æнæхъæнæй фелвæста, кæм та- йæ кæцыдæр хай. Æвзæр боныхъæд зиан æрхаста Æрыдоны 2 скъолайы æмæ 3 рæвдауæндонæн. Бæстыхæйтты сæртæ æнæ сæрæй аззадысты. Дымгæйы аххосæй базгъæлдысты рудзгуыты æвгтæ дæр. Афæлдæхтысты стыр бæлæстæ. Æрыдоны районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй æнæхъæлæджы уавæры фæдыл сымбырд кодтой сæрмагонд къамис. Йæ сæйраг нысан-æвзæр боныхъæд цавæр зиан æрхаста, уый сбæрæг кæнын.

Ныридæгæн уал фæндæгтæ ссыгъдæг кодтой цы бæлæстæ афæлдæхтысты уыдонæй. Æрыдоны администрацийы ныфс бавæрдтой цыбыр рæстæгмæ фыдбылызы фæстиуджытæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæндзысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дыхание ледника Колка I По факту
6.10.2026
Архитектурæйы бон, Космосы æппæтдунеон къуыри æмæ фестиваль «Осетинская лира» I Йæ рæстæгыл
6.10.2026
Архитектурӕйы ӕппӕтадӕмон бон æмæ уадындзы цъæхснаг хъæлæс I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
6.10.2026
Амигдалæ I 05.10.2026
5.10.2026
Сезонные заболевания, «Школа фермера» и День учителя | Самое время
5.10.2026
С днем учителя! I Доброе утро, Осетия!
5.10.2026
03.10.2026 I Саутæ, буртæ мыдхуызтæ
3.10.2026
Их выбрало небо I Гвардия
3.10.2026
Давид Мусульбес I По большому счету
2.10.2026
Полилингвалон ахуырад, Хъахъхъæдуры куывд æмæ киноактер Бæззаты Скиф | Йæ рæстæгыл
2.10.2026
02.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
2.10.2026
Мобильные социальные службы, открытие модельных библиотек во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
1.10.2026
01.10.2026 | Ирон чат
1.10.2026
Ацæргæ адæймаджы æмæ музыкæйы дунеон бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
1.10.2026
Самвел Гаспарянц | Дело мастера
30.09.2026
Все рекомендуемое