Дзæуджыхъæуы байгом кодтой Уæрæсейы Президент Владимир Путины æвзæрстыты размæ кандидаты штаб. Æууæнчы адæймæгты хсæн сты: Хабыцты Ларисæ, Бытъæты Роберт, Габеты Артур. Штабы сæйраг хæс -æвзарджытимæ фембæлдтытæ. Кусдзæн дзы æхсæнадон исæнуат. Фарстатæ æмæ хъуыдытимæ æрхатын йæ бон уыдзæн республикæйы алы цæрæгæн дæр. Алы хъуыддагмæ дæр кæсдзысты бæстонæй. Æвзæрстыты размæ штабтæ гом кæнынц алы регионты, фæлæ иннæ кандидатты исæнуæтты тыххæй нырма бæлвырд информаци нæй.
Бытъæты Роберт – Уф-йы сгуыхт артист: «Абон байгом кодтам æвзарæн штаб. Ныр нæ хъæуы, æвзæрстытæм цæттæгæн мадзæлттæ куыд хъуамæ уой, афтæ арвитын. Штабы кусджытæ æмбæлдзысты адæмимæ. Нæ хъуыдытæ æмбарын кæндзыстæм, уый иу хъуыддаг у. Фæлæ сæйрагдæр у адæммæ байхъусын, ахсджиаг лыггæнинаг фарстатæ базонын, сæ зондахаст æмæ æнкъарæнтæ сын базонын. Президенты кандидатмæ сæм цы фарстатæ æмæ фæдзæхстытæ ис, уыдон фæбæрæг æмæ фæнысан кæнын».
















